Ныфс, дам, фӕстагмӕ амӕлы…
Ӕмӕ нӕ уӕддӕр ныфс уыд, исты кӕй фӕивдзӕн, цӕмӕй ирон адӕмы съезды хӕдагъоммӕ цы фехъуыстам, уый ма ӕрцӕуа. Хъусгӕ та цы фӕкодтам – Уататы Зелим цӕуы Стыр ныхасы сӕрдары бынатӕй… Зын нын уыд ахӕм хабар фехъусын, уымӕн ӕмӕ нӕ ныфс уыдис Зелимӕй, уыдтам ӕй, нӕ национ, нӕ иумӕйаг ӕппӕтирон организаци Зелимы фӕрцы фӕстӕмӕ йӕ къахыл лӕууын кӕй райдыдта, йӕхимӕ та адӕмы ӕргом кӕй раздӕхта. Ӕмбаргӕ та йӕ алчи дӕр бакодта: Зелим йӕхи уды фӕндонӕй ахӕм къахдзӕф нӕ сарӕзтаид…
Фӕлӕ ӕрцыд, цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уый. Ӕмӕ ма кӕд истӕмӕй ныфс бавӕрӕн ис, уӕд хъуамӕ ныфс ӕвӕрӕм Фриты Хъазбегӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ уымӕн дӕр бирӕ лӕггӕдтӕ ис йӕ фыдыбӕстӕйы раз, ӕууӕндӕм ыл.
Съезд ацыдис, ӕнхъӕл куыд нӕ уыдыстӕм, ахӕм къуыхцытимӕ. Ӕвӕццӕгӕн чидӕртӕ талф-тулфы сӕхимӕ райстой, Зелим кӕй хъуамӕ райстаид йӕхимӕ, уыцы хӕстӕ, ӕмӕ йын федтам йӕ фӕстиуӕг: йӕ райдайӕнӕй йӕ организацион хайы кӕронмӕ ацыдис къуыхцытӕ. Ӕппын мацы, фӕлӕ ахӕм ахсджиаг форум байгом кӕныны хӕс кӕмӕ ӕрхауа, уыдон ирон ӕвзаджы хуымӕтӕджы формӕтӕ уӕддӕр ма хъуамӕ хъахъхъӕной!?. Махӕн уыцы съездтӕ иударон, хицауады ӕмбырдтӕ не сты, уыдонӕн ницион удварны хӕзнатӕ бавӕрыны нысаниуӕг ис, нӕ мадӕлон ӕвзаг рӕсугъдӕй кӕм хъуамӕ зӕла.
Фӕлӕ уыдӕттӕ, иннӕ хатт сраст кӕнӕн кӕмӕн ис, ахӕм хабӕрттӕ сты. Мах, ома Ирыстонӕн йӕ хуссар хайы минӕвӕрттӕ ныхкъуырд стырдӕр ӕмӕ ахсджиагдӕр хъуыддаджы тыххӕй уыдыстӕм не ՚мтуг ирон адӕмы цӕсты. Уымӕн ӕмӕ, куыд вӕййы ӕмӕ куыд хъуамӕ уыдаид, афтӕ съезды куысты хайад нӕ райстой нӕ республикӕйы къухдариуӕгад. Афтӕмӕй та… Президиумы чи хъуамӕ сбада, уыдоны номхыгъд куы бакастысты, уӕд дзы Хуссар Ирыстонӕй уыдысты Президент ӕмӕ Ӕлборты Алан. Ӕрмӕст Ӕлборты Аланы Парламенты сӕрдарӕй рӕдыдӕй бавдыстой, ӕви Ӕлборты Аланы бӕсты Мӕргъиты Алан хъуамӕ загътаиккой… Фӕлӕ та ууыл дӕр ныхъӕцыдаиккам, исчи сӕ ӕцӕгӕй куы схызтаид президиуммӕ, уӕд… Номхыгъды кӕй ранымадтой, уыцы ӕвзӕрст лӕгтӕ президиумы сӕ бынӕттӕ куы бацахстой, уӕд адӕм фӕджих сты. Президиумы бадынц Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло, Парламенты Сӕрдар Тускаты Таймураз, министртӕ, ӕмӕ афтӕ дарддӕр, Республикӕ Хуссар Ирыстон, Паддзахад Аланийы къухдариуӕгадӕй – ӕппындӕр ничи…
Сергей Меняйло, куыд вӕййы ӕмӕ куыд хъуамӕ уа, афтӕ арфӕ ракодта съезды хайадисджытӕн, загъта сын йӕ зӕрдӕбын фӕндиӕгтӕ. Загъта, Бибылты Анатолиимӕ сын ӕнгом бастдзинӕдтӕ кӕй ис сӕрмагонд хӕстон операцийы хъуыддӕгты фӕдыл ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Стӕй та уыд Республикӕ Хуссар Ирыстон, Паддзахад Аланийы Президенты рад, фӕлӕ…
Ӕмӕ уӕд ныхасы бар ракуырдта Стыр Ныхасы Хуссар Ирыстоны хайады сӕрдар Тыбылты Леонид ӕмӕ загъта, Президент фӕндагыл кӕй ис, ӕмӕ йӕ кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй, кӕд байрӕджы кӕна, уӕд ын йӕ арфӕйы ныхас бакӕса съезды хайадисджытӕн. Ӕмӕ загъта, арфӕйы ныхас, дам, стыр у, ӕмӕ, дам, дзы уымӕ гӕсгӕ бакӕсдзынӕн цалдӕр скъуыддзаджы.
Раст зӕгъгӕйӕ, ӕппӕт уыдӕттӕн ницы бамбӕрстой съезды делегаттӕ, ӕмӕ бирӕтӕ куыддӕр фӕуыргъиау сты, уыцы нымӕцы хуссаристойнаг делегаттӕ сӕхӕдӕг дӕр. Уый та, дам, куыд?.. Кӕд Президент съезды куысты хайад исынмӕ хъавыд, уӕд арфӕйы ныхас ныффыссыны сӕр цӕмӕн хъуыд, уымӕй дӕр «стыр»? Кӕд ӕцӕгӕй фӕндагыл уыд, кӕд ӕцӕгӕй уыд бацӕуинаг, уӕд та йӕ кӕсын цӕмӕн хъуыд – куы бацыдаид, уӕд ын йӕ ныхасы бар исгӕ бакодтаиккой?.. Уымӕй фыддӕр та, кӕд нӕ уыд бацӕуинаг, уӕд цӕмӕн хъуыд съезды делегаттӕ ӕмӕ хуынд уазджытӕн афтӕ зӕгъын, фӕндагыл ис ӕмӕ фӕзындзӕн, зӕгъгӕ?.. Уымӕй диссагдӕр та ахӕм хабар фехъусын кӕнын уыд: сӕрмагонд ӕфсӕддон операцимӕ ацыд ӕмӕ уый тыххӕй ӕрӕджы кӕны съездмӕ…
Адӕм, Ирыстонӕн йӕ цӕгат хайы цӕрӕг делегаттӕ, улӕфты рӕстӕджы дӕр кӕрӕдзи афӕрс-афӕрс кодтой, исты сын бамбӕрстат сӕ хабӕрттӕн, зӕгъгӕ… Съезд, дам, кӕд уыдзӕн, уый, дам, нӕ зыдтой – сӕрмагонд ӕфсӕддон операци, дам, искӕдӕм лидзгӕ кодта, бон раздӕр, кӕнӕ, дам, бон фӕстӕдӕр нӕ уыд ацӕуӕн?.. Науӕд, дам, Бибылы-фырт чи у, Анатоли, уый, дам, уым службӕ куы кӕны, къомандӕгӕнӕджы хӕдивӕг, дам, куы у, ӕмӕ, дам, уый куы равдӕлд съезды куысты хайад райсынмӕ, диссаджы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхас дӕр, дам, куы ракодта, уӕд, дам…
Иу дзырдӕй – ныхкъуырд ӕмӕ зӕрдӕхудт. Ӕмӕ уыцы зӕрдӕхудт ноджы тынгӕй-тынгдӕр кодта рӕстӕджы цыдимӕ. Съезд йӕ куыст фӕцис, фӕлӕ кӕй ранымадтам, уыдонӕй уымӕй уӕлдай ничи разынд съезды.
Ӕмӕ ӕвзӕры фарст: кӕд исты ӕнахуыр диссаг ӕрцыд, Президенты ахӕм ахсджиаг хъуыддаджы хайад райсынмӕ чи бакъуылымпы кӕна, уӕд нӕм ис Парламенты Сӕрдар – кӕд уымӕн дӕр нӕ гӕнӕн кодта, уӕд нӕм ис Хицауады Сӕрдар… Кӕд сӕ иуӕн дӕр ӕмӕ иннӕмӕн дӕр нӕ гӕнӕн кодта, уӕд сӕ алкӕмӕн дӕр ис хӕдивджытӕ… Боныфӕстагмӕ, министртӕ нӕм уӕддӕр ис…
Цӕмӕн, цӕмӕн ӕмӕ куыд рауад афтӕ?!. Цӕмӕн бафтыдтам нӕхи не ՚мтуг, не ՚мирон адӕмы цӕсты, се ՚хсӕн нӕхи ныхкъуырд ӕмӕ зӕрдӕхудтӕй цӕмӕн хатыдыстӕм?.. Куыд ис афтӕ гӕнӕн ӕмӕ ирон нацийӕн иууыл ахсджиагдӕр ӕмӕ вазыгджындӕр мадзалы Республикӕ Хуссар Ирыстон, Паддзахад Аланийы къухдариуӕгадӕй иу адӕймаг дӕр хайад ма райса?!.
Афтӕ куы фӕдзурӕм (алчи нӕ), Цӕгат Ирыстон, дам, Федерацийы субект у, мах та, дам, паддзахад стӕм… Цы фӕцис ныр уыцы паддзахад, ӕмбӕлон уагыл цӕмӕннӕ разынд ӕппӕтнацион мадзалы, Цӕгат Ирыстон-Аланиимӕ абаргӕйӕ дӕрдтаг диаспорӕйы фӕлгӕтты цӕмӕн разындыстӕм?!.
Ӕмӕ дзы цы рауад, уый федтам. Съезды делегаттӕ ӕмӕ хуынд уазджытӕ ӕнӕхъӕн бон дзырдтой дыгурон диалект ӕвзаг у ӕви диалект у, уыдӕттыл… Цыма ӕвзагзонынады конференци кӕнӕ лекци уыди!.. Ай мӕнӕ дунейыл диссӕгтӕ цӕуы, Ӕртыккаг Дунеон хӕст йӕ тӕккӕ цырыныл ис, дунейы адӕмтӕ сӕхицӕн искӕй зӕххытӕ байсыныл ӕмӕ сӕ арӕнтӕ ауӕрӕхдӕр кӕныныл сбук сты, мах та нӕ съезды ӕвзагзонынады фарстатӕ скъуыддзаг кӕнӕм! Ирыстон дыууӕ дихы кӕй у, йӕ хуссар хай Уӕрӕсейы сконды кӕй нӕй, уый нӕ бынысӕфтмӕ кӕй ӕркӕндзӕн, ууыл нӕ дзырдтой съезды, фӕлӕ Уӕрӕсе цы ихсӕттӕн наутӕ аразы, уыдонӕй иуӕн Кучиты Юрийы ном радтыныл!.. Хъӕуы уыцы хъуыддаг? Хъӕуы, ӕнӕмӕнг хъӕуы, уымӕн ӕмӕ Кучийы-фырт стыр лӕг уыд, легендарон ихсӕттӕг уыд. Фӕлӕ уал нырма нӕ иудзинады фарстыл хъуыд ӕрдзурын, Ирыстоны баиу кӕныныл, стӕй та атомон ихсӕттӕг науӕн Кучиты Юрийы ном радтыныл! Фӕлӕ кӕй бадарӕм азымы – нӕ цӕгатаг ӕфсымӕрты?.. Ӕмӕ цӕмӕн, цы аххосджын фесты сӕ хуссайраг ӕфсымӕрты раз?.. Ирыстоны баиу кӕныны разӕй ахӕм фарст кӕй раразмӕ кодтой, уымӕй?.. Омӕ уӕдӕ куыд бакодтаиккой, куыд уынгӕджы фесты – куыд хъуамӕ раразмӕ кодтаиккой Ирыстоны дыууӕ хайы баиу кӕныны фарст, кӕд ӕмӕ Хуссар Ирыстоны делегаци официалонӕй раразмӕ кодта фидӕн аз Абайты Васойы азӕй расидыны фарст!..
Ай диссаг нӕу, ирон адӕм дыууӕ хайыл дих кӕй сты, уый аххосӕй та нӕ гуырдзы аныхъуырынмӕ хъавынц, нӕ адӕм Ирыстоны тӕккӕ зӕрдӕйы, Нары хъӕуы ӕхсӕнпаддзахадон арӕныл нуархӕлд, зӕрдӕскъуыдтӕ кӕнынц, дыгай-ӕртыгай сахаттӕ сӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ кӕй фӕдарынц, уый тыххӕй, мах та ӕрбалӕугӕ аз ӕппӕт уыдӕттыл ӕрдзурыны азӕй расидыныл нӕ архайӕм, фӕлӕ (цыма фыдӕнӕнгӕнӕгау), газет «Известия»-йы афтӕ чи ныффыста, «Главный Кавказский хребет является естественной границей между Россией и Грузией», уый номыл расидыныл!.. Хъӕуы нӕ афтӕ бакӕнын? Хъӕуы, уымӕн ӕмӕ стыр ахуыргонд уыд, фӕлӕ Васойӕн ныры онг дӕр уыд юбилейон азтӕ ӕмӕ уыдзӕн, фӕлӕ ныл нырма нӕ национ хъысмӕтыл, нӕ сомбоныл ныссагъӕс кӕнын ӕмбӕлы, стӕй та…
Ӕмӕ ноджы бирӕ цӕуылдӕртыл! Фӕлӕ сывӕллон гуылыл куынӕ скӕуа, уӕд ын йе ՚ххормаг ничи бамбардзӕн…
Не знӕгтӕ Ирыстоны дыууӕ хайы къухдариуӕггӕнджыты иудадзыг иумӕ бадгӕ, иумӕ ныхасгӕнгӕ куынӕ уыной, уӕд ныфсджындӕр кӕнынц. Уадз мацы ныхасаг, мацы хъуыддаг сӕ уӕд – фӕлӕ мӕй иу хатт уӕддӕр хъуамӕ ӕмбӕлой. Нӕ иудзинады нысанӕн, нӕ цыфыддӕр знӕгты цӕстмӕ!..
Фӕлӕ нӕу афтӕ. Ӕмӕ нӕ мары ныхкъуырд ӕмӕ зӕрдӕхудт…